
Полная версия
Ирон аргъæуттæ сабитæн. Сказки на осетинском языке с переводом на русский

Ирон аргъæуттæ сабитæн
Сказки на осетинском языке с переводом на русский
Земфирæ Санахъоты
Виктор Харебаты
© Земфирæ Санахъоты, 2026
© Виктор Харебаты, 2026
ISBN 978-5-0071-4049-2
Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero
Разныхас / Предисловие
Ӕгас цӕут аргъӕутты диссаджы дунемӕ!
Аргъау у диссаджы хид, кӕцы иу кӕны хӕстӕг ӕмӕ дард цӕрӕг адӕмты, хистӕрты ӕмӕ сывæллæтты, ивгъуыд ӕмӕ абоны зӕрдӕтӕ. Уый байгом кæны дуар ахӕм дунемӕ, цы ран цӕрӕгойтӕн сӕ бон у ныхас кӕнын, хӕхтӕ хаессынц рагон сусӕгдзинӕдтӕ, дымгӕ дзуры йӕ хабӕрттӕ, ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕнӕмӕнгӕй ссары фӕндаг, чи йыл ӕууӕнды, уыдонмӕ.
Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы аргъӕуттӕ сымахӕн хъуыстгонд ӕрцӕуой дыууӕ ӕвзагыл, — ирон ӕмӕ уырыссагау. Уымӕн ӕмӕ алы ӕвзаг дӕр у ӕцӕг хӕзна. Ис дзы адӕмы мысӕнуат, сӕ зарджытӕ ӕмӕ таурӕгътӕ, хистӕрты зонд, райгуырӕн хӕхтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты нӕмттӕ, кӕддӕр нӕ нанатӕ ӕмӕ нæ дадатæм цы ныхӕстӕ хъуыст, уыдон та ныр хъусæм мах, æмæ ахæм ныхæстæй дзурӕм.
Уӕлдай ахсджиагдæр у нӕ мадӕлон ӕвзагӕн аргъ кӕнын, кӕсын дзы, дзурын ыл ӕмӕ йӕ фидӕны фӕлтӕртӕм дӕттын. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныджы ӕвдыст цӕуынц аргъӕуттӕ фыццаг иронау, уый фӕстӕ та — сӕ уырыссаг тӕлмацтӕ. Чи зоны сымахӕй чидӕртӕ ныридӕгӕн дӕсны сты дыууӕ ӕвзагыл дӕр, чидӕртӕ та нырма ирон дзырдтӕ ахуыр кӕнын райдайынц. Махӕн ӕхсызгон уыдзӕн, ацы чиныг дын куы баххуыс кӕна сӕ хъӕлӕстӕ бауарзынӕн ӕмӕ банкъарынӕн нӕ фыдӕлты ӕвзаджы рӕсугъддзинад ӕмӕ хъармдзинад.
Нӕ зӕрдӕ ма дарӕм, ацы чиныджы фӕрстыл кӕй сӕмбӕлдзыстут Ирыстоны иу хайыл, — йӕ бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ заз бӕлӕстыл, йӕ рӕвдз цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ сыгъдӕг суадӕттыл, дардмӕ хӕлиугонд рагон мӕсгуытыл ӕмӕ фӕндӕгтыл. Уадз ӕмӕ ацӕуай ацы рӕсугъд бӕстӕйыл аргъауы хъайтартимӕ, раиртасай йӕ ӕмӕ ӕнкъарай, алы хорз хабар дӕр йӕ хӕдзары хай кӕй дары.
Ацы чиныг уӕ хӕдзармӕ ӕрхӕссӕд циндзинад ӕмӕ хъармдзинад, йӕ архайджытӕ та уӕ хорз хӕлӕрттӕ куыд суой, ног æмæ ног куыд хоной аргъӕутты диссаджы дунемӕ.
Уадз чиныг кæсын ӕхцондзинад ӕмӕ ӕдас балц уӕд!
Автортӕ

Добро пожаловать в удивительный мир сказок!
Сказка — это волшебный мостик, который соединяет сердца людей, живущих рядом и далеко друг от друга, взрослых и детей, прошлое и настоящее. Она открывает перед нами дверь в мир, где звери умеют разговаривать, горы хранят древние тайны, ветер рассказывает свои истории, а добро обязательно находит дорогу к тому, кто в него верит.
Мы очень хотели, чтобы эти истории звучали для вас на двух языках — осетинском и русском. Ведь каждый язык — это настоящее богатство. В нём живут память народа, его песни и предания, мудрость старших, названия родных гор и рек, слова, которые когда-то слышали наши бабушки и дедушки, а теперь слышим и произносим мы.
Особенно важно беречь родной язык, читать на нём, говорить и передавать его следующим поколениям. Поэтому в этой книге сказки представлены на осетинском языке, а вслед за ними вы найдёте их переводы на русский. Возможно, кто-то из вас уже хорошо читает на обоих языках, а кто-то только начинает знакомиться с осетинскими словами. Мы будем очень рады, если эта книга поможет вам полюбить их звучание и почувствовать, сколько красоты и тепла хранит язык наших предков.
А ещё нам хотелось, чтобы на страницах этой книги вы встретили частичку Осетии — её высокие горы и зелёные долины, быстрые реки и прозрачные родники, старинные башни и дороги, уходящие вдаль. Пусть вместе с героями сказок вы путешествуете по этому прекрасному краю, узнаёте его и чувствуете, что каждая добрая история хранит частицу родного дома.
Пусть эта книга принесёт в ваш дом радость и тепло, а её герои станут вашими добрыми друзьями и ещё не раз позовут вас в удивительный мир сказки.
Приятного чтения и доброго путешествия!
Авторы
Аргъӕуттӕ иронау
Рувас ӕмӕ судзинджын уызын
Цардис ӕмӕ уыдис Ирыстоны хӕхты ахсӕн судзинджын уызын. Алы бон дӕр уый тезгъо кодта хъӕды къахвӕндӕгтыл, ӕмӕ ӕмбырд кодта гагадыргътӕ, зокъотӕ ӕмӕ бӕлӕстӕй хауд фӕткъуытӕ. Уый уыд чысыл, фӕлӕ тынг къӕрцхъус. Ног фӕндагыл ацӕуыны размӕ лӕмбынӕг каст йӕ алыварс ӕмӕ хъуыды кодта, дарддӕр та цы уыдзӕн, зӕгъгӕ.
Уызынмӕ хӕстӕг цард рувас. Уый хъӕды йӕхи нымадта ӕппӕты хинӕйдзагдӕрыл ӕмӕ-иу уымӕй сырдтӕн арӕх ӕппӕлыд.
— Мӕнӕй зондджындӕр ничи ис! — дзырдта уый. — Мӕ бон у алкӕй дӕр афӕливын!
— Иу бон рувас фембӕлд уызыныл. Йӕ фӕсонтыл хуыссыд стыр сырх фӕткъуы.
— Дӕ бон хорз, сыхаг! — равдаугӕ хъӕлӕсӕй загъта рувас. — Цы диссаджы фӕткъуы ссардтай!
— Ӕгас цу, рувас, — дзуапп ын радта уызын. — О, хорз фӕткъуы у. Зымӕджы дӕр мын сбӕздзӕн.

Рувасы тынг фӕндыд фӕткъуы йӕхицӕн райсын.
— Мӕ ды зоныс, уым къуылдымы фӕстӕ зайы сызгъӕрин фӕткъуыйы балӕс Уыдон хуымӕтӕджы фӕткъуытӕй дӕс хатт адджындӕр сты.
— Ӕцӕг? — афарста йӕ уызын.
— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Фӕлӕ цӕуын хъӕуы ныртӕккӕ. Науӕд сӕ мӕргътӕ иууылдæр бахӕрдзысты.
Уызын хъуыдыты ацыд. Уый зыдта, рувас арӕх сайын кӕй уарзта.
— Уӕдӕ ды дӕхӕдӕг сызгъӕрин фӕткъуытӕм цӕуылнӕ ацыдтӕ? — бафарста йӕ уызын.
Рувас исдуг фӕтыхст, фӕлӕ уайтагъд дзуапп радта:
— Знон сӕ мӕ фаг бахордтон!
— Хорз, — загъта уызын. — Уӕд мын фӕндаг бацамон.
Рувас бацин кодта ӕмӕ акодта уызыны акодта хъӕдыл. Уый хъуыды кодта асайдзӕн ӕй хъӕдӕй дарддӕр ӕмӕ стӕй фӕткъуы байсдзӕн.
Бирӕ фӕцыдысты. Фӕстагмӕ бахӕццӕ сты иу арф адагмӕ.
— Мӕнӕ ам ныххиз бынмӕ, — загъта рувас. — Сызгъӕрин фӕткъуытӕ зайы ададжы фӕстӕ.
Уызын арӕхстгай ныккаст дӕлӕмӕ. Адаг уыд цӕхгӕр ӕмӕ тӕссаг.
— Бузныг, рувас, — загъта уый. Фӕлӕ уырдӕм куыд ныххизон, уый мын фенын кӕн.
Рувасы нӕ бафӕндыд дӕлӕмӕ бырын, фӕлӕ йӕхи басӕттын дӕр йӕ бон нӕ уыд.
— Хорз, кӕс!
Рувас акъахдзӕф акодта, фӕлӕ йӕ къӕхты бын зӕхх ныппырх, атылд ӕмӕ ададжы хуылфы февзӕрд.
— Цӕй, куыд, ссардтай сызгъӕрин фӕткъуытӕ? — афарста йӕ уызын.
Рувас йӕ сӕр ӕруагъта.
— Нӕ…
— Уымӕн ӕмӕ уыдон ам никуы задысты, афтӕ нӕу?
— О, — ныуулӕфыд рувас. — Мӕн фӕндыд фӕсайын дӕу ӕмӕ дӕ фӕткъуы байсын.
Уызын йӕ сӕр батылдта.
— Мӕнгарддзинад ӕххуыс кӕны цыбыр рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ къӕрцхъусдзинад та ӕххуыс кӕны алы хатт дӕр.
Рувасмӕ даргъ къалиу ныллӕвӕрдта. Рувас сбырыд.
Уызын фӕткъуыйӕ расаста иу хай ӕмӕ йӕм ӕй радта.
— Айс. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: Хӕлӕрттӕ ссарынц мӕнгарддзинадӕй нӕ, фӕлӕ хӕлардзинадӕй.
— Бузныг, уызын. Ӕз рӕдыдтӕн.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ рувас йӕ хинӕйдзаг митӕ фӕкъаддӕр кодта ӕмӕ райдыдта арӕхдӕр ӕххуыс кӕнын йӕ сыхӕгтӕн.
Уызын дарддӕр цыди хъӕды къахвӕндӕгтыл, йӕ хъус даргӕ йӕ алыварс, ӕмӕ рӕсугъд ныхӕстыл ӕнӕ хорз хъуыддӕгтӕй никуы уал ӕууӕндыд.
Аргъауы зондамонӕн:
Мӕнгарддзинад раргом вӕййы цыбыр рӕстӕгмӕ, фӕлӕ зонд ӕмӕ хъусдарындзинад сты ахъаз кӕддӕриддӕр фыдбылызӕй бахизынӕн.
Тӕхынӕй чи тарсти, уыцы цӕргӕс
Бӕрзонд хӕхты, стыр къӕдзӕхы цъуппыл уыд цӕргӕсы ахстон. Цардысты дзы цӕргӕс-мад, ӕмӕ йӕ чысыл лӕппу — Цӕргӕс. Алы райсом дӕр Цӕргӕс йӕ ахстонӕй каст ӕмӕ дзы уыдта ӕнӕкӕрон хӕхтӕ, цъӕх дӕлвӕзтӕ ӕмӕ ӕвзистхуыз цӕугӕдӕттӕ. Стыр цӕргӕстӕ тахтысты хæхты цъуппытӕй уӕлдӕр. Уыдон сӕрибарӕй ленчытӕ кодтой уӕлдӕфы афтӕ, цыма арвы хай уыдысты. Цӕргӕс сӕм дисгӕнгӕ каст, фӕлӕ йӕхӕдӕг тарст тӕхынӕй.
— Нана, куы рахауон ӕваст? — фарста йӕ мады.
— Æппӕт цæргæстæ дӕр фӕтӕрсынц фыццаг хатт, — дзырдта йын уӕд йӕ мад. — Фӕлӕ ахӕм бон ӕрбалӕууы ӕмӕ сӕ бахъӕуы айтындзын сӕ базыртӕ.
Бонтӕ цыдысты. Цӕргӕс тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта. Йӕ базыртӕ сырӕзтысты, йӕ пакъуытӕ та систы фидар ӕмӕ ӕрттиваг. Фӕлӕ йӕ тас нӕ фесӕфт.
Иу райсом мад- цӕргӕс загъта:
— Абон хорз бон у фыццаг хатт тӕхынӕн.
Цӕргӕс йӕ цӕстытӕ ӕруагъта ӕмӕ уайтагъд фӕстӕмӕ фӕзылд.
— Нӕ, нана, къӕдзӕх ӕгӕр бӕрзонд у.
Мад ницы загъта. Уый зыдта, алчидӕр йӕ тас йӕхи тыхтӕй кӕй хъуамӕ аиуварс кӕна.
Уыцы бон Цӕргӕс ахстоны былыл бадти ӕнкъардӕй. Ӕваст йӕ цуры абадт зӕронд халон.
— Афтӕ ӕнкъард цӕмӕн дӕ? — бафарста йӕ уый.
— Ӕз тӕрсын тӕхын.
Халон фӕдис кодта.
— Уый диссаг у цӕргӕсӕй фехъусын.
— Ӕмӕ куы рахауон уӕд та?
Зӕронд халон арвмӕ скаст.
— Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд ӕз дӕр тарстӕн. Фӕлӕ иу бон иу хъуыддаг бамбӕрстон.
— Цы?
— Цалынмӕ ахстоны бадай, уӕдмӕ дӕ тас кӕны фылдӕр. Фӕлӕ фыццаг къахдзӕф куы кӕнай, уӕд тас райдайы къаддӕр кӕнын.
Цӕргӕс хъуыдыты ацыд.
Изӕры хӕхты сӕрмӕ хъарм дымгӕ сыстад, ӕмӕ Цӕргӕсы базыртӕ рӕвдаугӕ базмӕлын кодта.
Мад йӕ фыртмӕ бакаст.
— Акӕс дӕ алыварс.
Цӕргӕс касти ныгуылӕн хурӕй рухсгонд хæхтæм.
— Рӕсугъд…
— Ӕппӕт уыдӕттӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахстоны ӕддейӕ.

Цӕргӕс сындӕггай бахӕстӕг ис тӕккӕ къӕдзӕхы былмӕ. Йӕ зӕрдӕ тагъд тагъд райдыдта кусын. Зӕронд халоны ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты: «Цалынмӕ ахстоны бадай, уӕдмӕ дӕ тас фылдӕр кӕны».
Цӕргӕс арф ныуулӕфыд ӕмӕ размӕ акъахдзӕф кодта. Иу уысмы бӕрц ӕм афтӕ фӕкаст, цыма ӕрхауы.
— Нана! — фӕцыд йӕ тарст хъӕр.
Фӕлӕ йын раст уыцы уысм дымгӕ йӕ базыртӕ ацахста. Цӕргӕс банкъардта, хаугӕ кӕй нӕ кӕны, уый.
Тӕхын! Фыццаджыдӕр дызӕрдыгӕй, стӕй уӕд ныфсджындæрӕй зылдис комы, къӕдзӕхты сӕрмӕ. Дымгӕ йӕ хаста бӕрзондӕй бӕрзонддӕр. Йӕ быны ленк кодтой къӕдзӕхтӕ, хъӕдтӕ ӕмӕ хӕххон цӕугӕдӕттӕ.
— Ӕз тӕхын! Ӕз тӕхын! — фырцинӕй хъӕр кодта уый.
Мад- цӕргӕс цин кодта ӕмӕ йӕ мидбылты худт.
— Ныр ды дӕ ӕцӕг цӕргӕс.
Хӕхты сӕрмӕ Цӕргӕс тахт изӕрмӕ. Ӕмӕ фӕстӕмӕ ахстонмӕ куы ӕрбатахт, уӕд йӕ цӕстытӕ амондджын ӕрттывд кодтой.
— Нана, ӕз нал тӕрсын!
— Нӕ, мӕ хъӕбул, — фӕлмӕнӕй загъта мад-цӕргӕс. — Ды хуымӕтӕгаей, сахуыр дӕ хъӕбатыр уӕвыныл.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕргӕс арвмӕ тахт алы бон дӕр. Хаттӕй-хатт иу уый уӕддӕр тарст, фӕлӕ йӕ ныридӕгӕн зыдта фидарӕй: ӕхсардзинад уый нӕ нысан кӕны, куы нӕ тӕрсай, фӕлӕ цӕттӕ куы уай, тасы иувӕрсты размӕ акъахдзӕф кӕнынмӕ.
Аргъауы зондамонӕн:
Йӕхи тыхтыл чи ӕууӕнды ӕмӕ размӕ къахдзӕф аразынӕй чи нӕ тӕрсы, уый ӕнӕмӕнг йæхи бӕрзæндтæм схиздзæн.
Хорз Фыййау ӕмӕ бирӕгъы лӕппын
Иу хӕххон хъӕуы цард иу лӕппу — Сослан. Уый алы райсом дӕр йӕ дадайӕн ӕххуыс кодта цъӕх къуылдымтыл фыстӕ хизынӕн. Сослан уарзта хӕхтӕ, тагъд цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къахвӕндӕгтӕ. Уый ма ноджы уарзта цӕрӕгойты ӕмӕ никуы фӕхъыг кодта нӕдӕр мӕргъты, нӕдӕр сырдты.
Иу райсом раджы лӕппу фыстӕ хизӕнмӕ атардта. Хур ныртӕккӕ скаст хӕхты цъуппыты сӕрмӕ, кӕрдӕг та ӕрттывтытæ калдта ӕртахӕй.
Æваст къутӕрты хсæнæй райхъуысд æдых хъыс-хъыс. Сослан ӕм байхъуыста ӕмӕ хъавгӕ ӕввахсдӕр бацыд.
Зӕронд ӕхсӕлы къутӕры бын бадт бирӕгъы лӕппын. Уый зыр-зыр кодта ӕмӕ тарстхуызӕй йӕ алыварс каст.
— Ды ардӕм кӕцӕй фӕзындтӕ? — бадис кодта лӕппу.
Бирӕгъы лӕппын тӕригъӕддагæй ныхъæрзыдта.
Сослан бамбӕрста, лӕппын кӕй фӕдзӕгъӕл.
— Ма тӕрс, нӕ дӕ фӕхъыг кӕндзынӕн.
Йӕ хызынӕй цыхт систа ӕмӕ йӕ бирӕгъы лæппыны фарсмӕ ӕрӕвӕрдта. Лӕппын ӕм хъавгӕ басмыста ӕмӕ йӕ тагъд-тагъд ахордта.
— Тынг ӕххормаг дӕ, ӕвӕццӕгӕн, — загъта лӕппу.
Лӕппыны тӕригъӕддаг ниуд та райхъуыст.
Сослан сфӕнд кодта лӕппынӕн йӕ мады ссарын. Уый йӕ дадайӕн радзырдта бирӕгъы лӕппыны уавӕр.
Зӕронд лӕг лӕмбынӕг ӕркаст лӕппынмӕ, ӕмӕ йӕ сӕр батылдта.
— Хорз хъуыддаг сфӕнд кодтай, фӕлӕ арӕхстджын у. Ис гӕнӕн, ӕмӕ бирӕгъ йæ лӕппынæн фӕтӕрса.
Сослан лӕдзӕг райста ӕмӕ араст хъӕдмӕ. Лӕппын лыгъд йӕ фӕрсты.
Уыдон бирӕ фӕцыдысты къахвӕндӕгтыл. Хатт -иу бирӕгъы лӕппын фӕлӕууыд, сулӕфыд ӕмӕ та дарддӕр згъордта.
Уайтагъд хъӕд фӕтардӕр.
Ӕнӕнхъӕлӕджы уыдонмӕ дӕрддзӕф разӕй райхъуыст бирӕгъы ниуын.
Лӕппын уайтагъд йӕ хъустӕ фӕхъил кодта.
— Уый дӕ мад у? — афарста йӕ Сослан.
Бирæгъы лӕппын сцин кодта æмæ нынниудта.
Араст сты ниуын кӕцӕй цыд, уырдӕм.
Фӕлӕ сын уайтагъд сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдта цырд хӕххон цӕугӕдон. Ӕрӕджы цы къӕвда ӕрцыд, уый фӕстӕ дон раивылд ӕмӕ дурты ӕхсӕнты тахт хъӕргӕнгӕ.
Лӕппын былмӕ азгъордта, фӕтыхст ӕмӕ дзыхълæуд фӕкодта.
Уӕд Сослан ссардта гуылфӕны сӕрты цы хауд бӕлас уыд, уый.
— Мӕнӕ афтӕ ахиздзыстӕм.
Уый арӕхстгай ахызт бӕласы зӕнгыл, стӕй баххуыс кодта бирӕгъы лӕппынӕн дӕр.
Донӕн уыцы фарсӕй ногӕй райхъуыст ниуын, ныр тынг хӕстӕг.
Лӕппын бирӕгъ фырцинӕй хӕрдмӕ фӕхауд ӕмӕ размӕ атахт.
Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ рахызтысты чысыл ӕрдузмӕ. Уым лӕууыд стыр цъæх бирӕгъ.
Йӕ лӕппыны куы ауыдта, уӕд ӕм фæтагъд кодта.
Бирӕгъы лӕппын йӕ мадмæ ӕрбазгъордта ӕмӕ йын йӕ дӕллаг хъуырты йӕ фындз фӕцавта.
Бирӕгъ астӕрдта йӕ лӕппыны ӕмӕ стӕй Сосланмӕ иудзӕвгар фӕкаст.
Лӕппу фӕтарст гӕзӕмӕ, фӕлӕ йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлыд.

Мад бирӕгъӕн мур дӕр йӕ цӕстыты фыдӕх нӕ уыд. Цыма йӕ бамбӕрста, тӕккӕ дӕр ацы лӕппу кӕй фӕхӕццӕ кодта лӕппыны йӕ хӕдзармӕ.
Уый йӕ сӕр ӕруагъта, раст ын цыма бузныджы арфӕ кодта, уыйау. Уый фӕстӕ йӕхи фездӕхта ӕмӕ бӕлӕсты ӕхсӕн фæтары йӕ лӕппынимӕ.
Сослан ма иу чысыл алӕууыд ӕрдузы, стӕй фӕстӕмӕ хъӕумӕ араст.
Изӕры йӕ дадайӕн радзырдта, цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдон иууылдӕр.
Зӕронд лӕг бахудт.
— Бахъуыды кӕн, мӕ хур. Хорз зӕрдӕ канд адӕм нӕ ӕмбарынц.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сослан арӕх хъуыды кодта бирӕгъы лӕппыныл. Хатт-иу ӕм афтӕ каст, цыма дард ранӕй, хъӕды къуылдымтӕй зонгӕ ниуд хъуысы. Ӕмӕ иу уӕд бахудт, уый зонгӕйӕ, кӕмдӕр хӕхты ӕхсӕн кӕй цард, кӕддӕр цы бирӕгъы лӕппын фӕдзӕгъӕл, уый.
Аргъауы зондамонæн:
Зын уавӕры иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдон сӕ митӕй дуне хуыздӕр æмæ рæсугъддæр кӕнынц.
Арс ӕмӕ хъӕды суадон
Бӕрзонд хӕхты, тар хъӕды астӕу, зӕххы хуылфӕй ӕрттивгӕ сӕр-сӕр кодта суадон. Йӕ дон афтӕ сыгъдӕг уыд, ӕмӕ йӕ быны зынд алы дур дӕр. Хъӕды цӕрджытӕ иууылдӕр цыдысты суадонмӕ: сагтӕ, тӕрхъустӕ, тыртынатӕ, мӕргътӕ ӕмӕ ӕгӕр стӕмӕй, сӕрхызт рувӕстӕ дӕр.
Суадонмӕ хӕстӕг цардис стыр арс — Арсен. Уый уыд тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын, фӕлӕ йӕм хатт афтӕ каст, ӕмӕ алцыдӕр йӕхи у.
Алы райсом дӕр арс суадонмӕ цыд дон нуазынмӕ Иу бон йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, цас сырдтӕ ӕрӕмбырд суадоны цур.

— Уыйбӕрц цӕрджытӕ ам! — хъуыр-хъуыр кодта уый. — Хъӕлӕба кӕнынц, кӕрӕдзи схойынц, улӕфын мӕ нӕ уадзынц.
Цас фылдӕр афтӕ хъуыды кодта, уыйас ӕм афтӕ каст, цыма суадон ӕрмӕстдӕр йӕхи хъуамӕ уа.
Дыккаг бон Арсен цалдӕр стыр бӕласы ӕрбаласта ӕмӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдта. Тӕрхъус донмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд арс карзӕй загъта:
— Ацы суадон ныр мӕн у! Ардӕм бар никӕмӕн ис!
Тӕрхъус фӕтарст, ӕмӕ алыгъди. Уӕд ӕрбатахтысты мӕргътӕ.
— Мах фӕнды дон баназын, — загъта чысыл дзывылдар.
— Агур ӕндӕр суадон, — дзуапп ын радта арс.
Мӕргътӕ атахтысты ӕнкъардӕй.
Афтӕ ахаста цалдӕр боны. Сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ цӕуын райдыдтой хъӕдӕй ӕддӕдӕр цӕугӕдонмӕ. Фӕндаг уыд даргъ ӕмӕ ӕнӕнцой, фӕлӕ арсимӕ быцӕу кӕнын йӕ ныфс ничи хаста.
Фыццаг Арсен уыд райгонд.
— Ныр ам сабыр ӕмӕ ӕнцад у, — загъта йӕхинымӕр.
Фӕлӕ уайтагъд фӕхатыд, хъӕд кӕй аивта. Мӕргътӕ нал зарыдысты. Тыртынатӕ суадонмӕ хӕстӕг къалиутыл нал гӕппытӕ кодтой. Суанг ма гӕлӕбутӕ дӕр фесӕфтысты. Хъӕд ӕнахуыр сабыр баци.
Иу ӕхсӕв тыхджын дымгӕ сыстад. Мигътӕ арв ӕрбамбӕрзтой, ӕмӕ тӕрккъӕвда уарын райдыдта. Къӕвда уарыд суанг райсоммӕ.
Арс суадонмӕ куы бахӕццӕ, уӕд дисы бафтыд, — дон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фесӕфт. Дурты ӕхсӕн зынтӕй цыд лыстӕг цыхцырӕгӕй.
— Цы ӕрцыд? — Арсен фӕтарсти.
Уыцы рӕстӕджы хӕстӕг къалиуыл ӕрбадт зӕронд халон.
— Суадон дӕм фӕхъыг, — загъта уый.
— Ӕмӕ суадӕттӕ дӕр хъыг кӕнын зонынц?
— Чи зоны, нӕ. Фӕлӕ дон уарзы алкӕмӕн дӕр пайда хӕссын. Хъӕды цӕрджыты куы фӕтардтай, уӕд сӕ алыварс фӕзуат дзӕгъӕлӕй баззад. Фӕндӕгтӕ ничиуал ӕфснайдта, хус къалиутӕ ӕмӕ сыфтӕртӕй былгӕрӕттӕ нал сыгъдӕг кодтой. Къӕвдайы фӕстӕ зӕхх ныппырх ӕмӕ суадон дуртӕй байдзаг.
Арс лӕмбынӕг ӕркаст суадонмӕ. Ныр бамбӕрста йӕ рӕдыд.
Уыцы бон Арсен къахвӕндагӕй ӕппӕт хъӕдтӕ дӕр систа. Стӕй хъӕдыл азылд ӕмӕ сырдтӕм сидын байдыдта:
— Фӕстӕмӕ ӕрыздӕхут. Ныххатыр мын кӕнут!
Суадон ногӕй алкӕмӕн дӕр гом у!
Фыццаг ыл сырдтӕ нӕ баууӕндыдысты. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ донмӕ ӕрбалӕууыдысты тӕрхъустӕ, тыртынатӕ, сагтӕ ӕмӕ мӕргътӕ. Иумӕ доныбыл ныссыгъдӕг кодтой дуртӕ ӕмӕ къалиутӕй. Арс куыста алкӕмӕй тынгдӕр, хаста уӕззау дуртӕ ӕмӕ суадоны бын ссыгъдӕг кодта.
Изӕрмӕ та суадон ногӕй цыд сыгъдӕг цӕугӕдонӕй. Сырдты цинӕн кӕрон уал уыд. Дзывылдартӕ райдыдтой зарын сӕ зӕлланг зарджытӕ. Тыртынатӕ бӕлӕстыл гӕппытӕ кӕнын. Ӕмӕ суадон та хъӕлдзӕгӕй сӕр-сӕр кодта, цыма алкӕмӕн дӕр дзырдта бузныг йӕ баххуысы тыххӕй.
Арс уазал дон банызта ӕмӕ бахудт. Ныр бамбӕрста, иуӕй-иу хъуыддӕгты сӕрмагонд схонӕн кӕй нӕй. Уымӕн ӕмӕ хур кӕсы ӕппӕтӕн дӕр, уӕлдӕф хъӕуы ӕппӕты дӕр, ӕмӕ афтӕ сыгъдӕг дон дӕр у алкӕй дӕр.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Арсен уазджытыл суадоны цур ӕмбӕлд зӕрдӕхӕларӕй ӕмӕ ӕгӕр стӕмӕй ӕххуыс кодта иуыл къаннӕг сырдтӕн дӕр донмӕ ныххизынӕн. Афтӕ хъӕд ногӕй схъӕлдзӕг, уынӕр кодта, ӕмӕ уыд амондджын.
Аргъауы зондамонӕн:
Ӕппӕтӕн дӕр пайда цы ӕрдзон фӕрӕзтӕ хӕссынц, уыдонӕй нӕй гӕнӕн сӕрмагонд хицау суӕвын. Ӕмӕ ӕцӕг хъӕздыгдзинад та фылдӕр кӕны уӕд, кӕд ӕмӕ йӕ дих кӕнай ӕндӕртимӕ.
Сырддон цъиу ӕмӕ хӕххон дымгӕ
Бӕрзонд хӕхты рӕбын, иу чысыл ирон хъӕуы цур, йӕхицӕн ахстон скодта сырддонцъиу — Сикъо. Уый уыди хъӕлдзӕг ӕмӕ цымыдис, фӕлӕ тынг тарст тыхдымгӕтӕй.
Алы райсом дӕр-иу Сикъо йӕ ахстонӕй ратахт, зӕронд кӕрдойы бӕласы къалиуыл -иу ӕрбадт ӕмӕ каст иннӕ мӕргътӕм: Зӕрватыччытӕ сӕрибарӕй уӕлдӕфы ратӕх -батӕх кодтой, халӕттӕ кӕмтты сӕрты тахтысты бӕрзонд, цӕргӕстӕ та мигъты цур ленчытӕ кодтой. Ӕрмӕст Сикъо дард никуы тахт. Дымгӕ -иу къалиутӕ гыццыл куы базмӕлын кодта, уӕд- иу уый та уайтагъд фӕстӕмӕ йӕ ахстонмӕ батахт.
— Цӕмӕн ӕмбӕхсыс ӕдзухдӕр? — бафарста йӕ иу хатт зӕрватыкк.
— Ӕз тӕрсын дымгӕйӕ, — ӕнӕхинӕй йын дзуапп радта Сикъо.
Зӕрватыкк бахудт.
— Дымгӕ ӕдзух знаг нӕу. Хатт уый баххуыс кӕны тӕхынӕн дӕр.
Фӕлӕ йыл Сикъо нӕ баууӕндыд.
Иу райсом хӕхты сӕрмӕ уазал дымгӕ сыстад. Уый змӕлын кодта кӕрдӕджы, ӕнкъуыста бӕлӕсты ӕмӕ зилгӕ хаста рог сыфтӕрты. Мӕргътӕ иууылдӕр араст сты цингӕнгӕ тӕхынмӕ. Ӕрмӕст Сикъо бадт ахстоны.
Ӕвиппайды йӕ цуры ӕрбадт зӕронд цӕргӕс. Уый йӕ хъус дардта хъӕдмӕ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты иууылдӕр хорз зыдта.
— Цы хабар у, мӕ чысыл хур? — бафарста йӕ цӕргӕс.
— Ӕз тӕрсын тӕхын, дымгӕ куы дымы, уӕд. Уый йӕм аивӕй бакаст.

— Мӕ ды зоныс, мӕргътӕн базыртӕ цӕмӕн ис?
— Тӕхынӕн.
— Раст у. Ӕмӕ зоныс, дымгӕ цӕмӕн хъӕуы?
Сикъо иуцасдӕр ахъуыды кодта.
— Бӕлӕсты фæйлауынæн?
Цӕргӕс ныххудти.
— Уый дӕр афтӕ у. Фӕлӕ ма дымгӕ ӕххуыс кӕны мӕргътӕн дӕр арвыл тӕхынӕн.
Сикъо дызӕрдыг каст бакодта зӕронд цӕргӕсмӕ.
— Ӕцӕг?
— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Ӕрмӕст ыл хъуамӕ ӕууӕндын сахуыр уай.
Сикъо йыл тынг нӕ баууӕндыд, фӕлӕ йӕ ӕрфӕндыд бафӕлварын тӕхын. Схызтысты ныллӕг хохмӕ.
— Райдай цъустӕй, — загъта цӕргӕс. — Дард нӕ хъӕуы тӕхын нæма.
Сикъо арф ныуулӕфыд ӕмӕ къӕдзӕхӕй атахт. Дымгӕйы футт ӕй иуварс аппӕрста.
— О! — фӕтарст сырддонцъиу.
Уайтагъд фӕстӕмӕ ӕрхауд.
— Уыныс? Нӕ дын дзырдтон! —
— Нӕ, — сабырӕй дзуапп радта цӕргӕс. — Ды фӕтарстӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр. Бафӕлвар ма иу хатт.
Атахт та ногӕй сырддонцъиу. Ацы хатт дымгӕимӕ нал тох кодта, фӕлӕ йӕ базыртӕ чысыл уӕрӕхдӕр айтыгъта. Ӕвиппайды банкъардта ӕнахуыр диссаг. Дымгӕ йын цыма ӕххуыс кодта. Уый йӕ ныхмӕ нал лӕууыд, фӕлӕ йӕ размӕ хаста.
Сикъо ӕрзылд къуылдымы сӕрмӕ. Стӕй та ноджыдӕр. Алы уысмы дӕр тас къаддӕр кодта.
— Уайы! — цингӕнгӕ ныхъхъӕр кодта уый.
— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уайы, — загъта цӕргӕс.
Сырддон цъиу стахт бӕрзонддӕр. Йӕ бынмӕ ӕрттывта цӕугӕдон, цъӕх фӕзтӕ, ӕмӕ зындысты хъӕуы чысыл урс хӕдзӕрттӕ. Уый размӕ афтӕ дард никуы тахт Сикъо. Ӕгас бон Сикъо зылдис комы сӕрмӕ. Куы дымгӕ тыхджындӕр кодта, куы лӕмӕгъдӕр, фӕлӕ ныр цъиу нал тарст.
Изӕрмӕ йӕ ахстонмӕ раздӕхт ӕмӕ зӕронд кӕрдо бӕласыл сӕмбӕлд зӕрватыккыл.
— Цӕй, куыд атахтӕ?
Сикъо зӕрдиаг худт бакодта:
— Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дымгӕ мӕн тӕрсын нӕ кодта. Уый фӕндыд мӕнӕн баххуыс кӕнын.
Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ цыфӕнды дымгӕйы футтытӕй дӕр нал ӕмбӕхст сырддонцъиу ахстоны. Уый ссис уыцы районы ӕппӕты цӕвиттойнаг тӕхджытӕй сӕ иу. Хаттӕй-хатт тыхдымгӕты рӕстӕджы уӕлӕнгай ӕвзӕрста тас, фӕлӕ ныр зыдта, ӕхсардзинад фӕзыны тас куы фесӕфы уӕд нӕ, фӕлӕ дӕхи тыхты фӕрцы цӕттӕ куы уай тӕхынмӕ дарддӕр.
Ӕмӕ хӕххон дымгӕ та, комы сӕрты тӕхгӕ тӕхын, цыма йӕ чысыл хӕларӕн салам дзырдта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта бӕрзондӕй бӕрзонддӕр стӕхынмӕ.
Аргъауы зондамонӕн:
Мах арӕх тӕрсӕм, цы нӕ зонӕм, уый уымæй. Фӕлӕ фыццаг къахдзӕфы фӕстӕ тас фӕсыбыртт кæны, ӕмӕ йӕ бынат ныууадзы ныфсхаст зæрдæйæн.
Дугъон бӕх суӕвын кӕй фӕндыд, уыцы хӕрӕг
Иу хӕххон хъӕуы цардис иу гыццыл сау хӕрӕг — Бурон. зӕгъгӕ. Уый уыд хӕларзӕрдӕ, куыстуарзаг ӕмӕ ӕххуыс кодта кӕддӕриддӕр адӕмӕн. Алы бон дӕр Бурон ласта суадонӕй дон, хъӕдӕй суг,
ӕмӕ фыййӕуттимӕ цыд хӕххон нарӕг къахвӕндӕгтыл.
Фӕлӕ цӕмӕндӕр йӕхи хорз миниуджытӕ нӕ хатыд. Уый ӕппӕтӕй тынгдӕр дунейы хӕлӕг кодта, хӕстӕг бӕхдоны цы рӕсугъд бӕхтӕ цард, уыдонмӕ. Бӕхтӕ уыдысты бӕрзонд, рӕхснаг ӕмӕ уайаг. Комы иу куы згъордтой, уӕд сын- иу дымгӕ сӕ барцы хъистӕ фӕйлыдта, сӕ сӕфтӕджытӕй та зӕлланггӕнгӕ цавтой зӕхх.
— Ахӕм ерысгӕнӕг бӕх куы уаин! — ныуулӕфыд Бурон. — Уӕд алчидӕр мӕнӕй зӕрдӕскъӕфт уаид.
Иуахӕмы ӕрыгон бӕх Арсен,
зӕгъгӕ, йӕхи цӕттӕ кодта стыр ерыстӕм. Хъӕуы цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты ерыстӕм кӕсынмӕ. Бурон дӕр ӕрбацыд ӕмӕ ӕхсызгонӕй касти бӕхтӕ фӕндагыл куыд згъорынц, уымӕ.
— Куыд цырд уайынц! — дис кодта уый. — Ӕз та дӕн ӕрмӕстдӕр хӕрӕг.
Уый фехъусгӕйӕ, йӕ фарсмӕ цы зӕронд бӕх лӕууыд, уый йӕм лӕмбынӕг бакаст.
— Цӕмӕн афтӕ зӕгъыс?
— Уымӕн ӕмӕ, мӕнӕн мӕ бон нӕу цырд лидзын.

