
Полная версия
Нæмыгдзæф бонтæ

Нæмыгдзæф бонтæ
Юля Санахъоты
© Юля Санахъоты, 2023
ISBN 978-5-0056-1122-2
Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero
Нæ Иры æнувыд, æхсарджын хъæбулты цытæн…
Ю. Санахъоты
ПРЕДИСЛОВИЕ
Уважаемый читатель!
Вы держите в руках книгу «Израненные дни» прекрасного поэта, переводчика, преподавателя Юго-Осетинского Государственного университета, члена Российского союза профессиональных литераторов Юли Георгиевны Санакоевой.
Для любителей изящной словесности будет интересно познакомиться с её произведениями, в которых она в поэтической форме повествует о событиях в Южной Осетии в период 1989-2008-х годов.
Стихотворения написаны на иронском диалекте осетинского языка. Автор делится с читателем о своей любви к родине, к окружающему её миру. Она посвящает произведения своим друзьям, а так же известным осетинам: дирижеру, художественному руководителю и генеральному директору Мариинского театра В. А. Гергиеву; языковеду-иранисту¸ профессору В. И. Абаеву; учёному-математику, основателю и научному руководителю Владикавказского научного центра Российской академии наук А. Г. Кусраеву; композитору и пианистке Ж. В. Плиевой и другим.
Особое место в сборнике занимает поэма "Израненные дни", которая является своеобразной летописью военных событий Южной Осетии 1989-2008-х годов.
Чаяния автора тронут сердца читателей всех возрастов, и книга станет прекрасным подарком для всех ценителей поэтической словесности.
Главный редактор альманаха «Горный ветер»,
полковник, доктор биологических наук
Юрий Бадтиев
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Хъуыдытæ фæсивæдыл
Цæмæн фыссæм арæх фыдцардыл,Нæ зарæг цæмæн хъуысы ́нкъард?Цæмæн дзурæм иууыл тыхстадыл?Нæ цард дæр куы свæййы æнад!«Нæ ивгъуыд уæззау уыд» – фæзæгъæм.Кæмæн уыдис йеуæд уый рог?Лæмбынæг нæ цардмæ æркæсæм,Нæ ахаст æм скæнæм мах ног.Цæмæн вæййæм иууыл кæуындзаст,Цæй сагъæс нæ ́лвасы бынмæ?Нæ фæсивæд махæн – цæхæрцæст,Æви йæ нæ зонут нырмæ?Цæвиттойнаг Ирæн фæдонтæ!Куы фæцæуы «гъæйтт!», уæд – цæттæ.Сæрабхъуыды се ́ппæт – хæстонтæ.Нæ баззайынц искуы, æддæ.Бæлуæттау сæ зæххмæ æртæхынц,Æрлæууынц уæхски-уæхск æнгом.Фыдызæхх сæхицæй нымбæрзынц,Æнæхъæнæй фестынц æндон.Ныууадзæм нæ додой ивгъуыды,Ыссудзæм нæ зæрдæты рухс!Кæм ма и сæрфатæн æмгъуыд дæр…Æрдарæм нæ кæстæртæм хъус!Нæ уарзты зынджытæ ма сисæм,Нæ зæрдæты къуымтæй бæрзонд!Нæ уарзтæй, цæй, кæстæрты фидæнНыррухс кæнæм иумæ æмзонд.Ыскæнæм ма цинады зарæг,Уæнгтæрогæй размæ цæуæм!Рæсугъд бæллиц ма кæнæм нарæг,Нæ фидæнмæ райгæ тырнæм.Нæ хъæбултæм раздахæм не ́ргом,Сæ удтæм æрлæууæм хæстæг.Фæрог кæнæм кæстæртæн се́ргъом,Нæ уыдзыстæм йеуæд хъæстаг!Ныууадзæм æрвылбоны минас,Кæрæдзийæн ма кæнæм маст.Куы нæ цæры удгоймаг мин аз!Нæ рæдыд куы скæниккам раст.Хъуыдыгæнгæ ́взарæм дзырдтæ дæр, —У авгау лæджы уд сæртæг.Кæны нæ хъыг ныхас æддæдæр,Фæлмæн ныхас – адæм бæттæг.Фæзæгъынц, ныхас, дам, дымгæ у, —Зæгъыс æй – æрбайсæфт йæ фæд.Ис ахæм ныхæстæ… Цы мæнг у, —Зæд дæр сæ нæ уромы, зæд!Узæлæм кæрæдзийыл! ТаласНæ фидæны тырыса суæд.Уæд ́нафоны урс-урсид халасНæ сæртыл нæ уадздзæн йæ фæд.Цæй, райдайгæ абонæй, цинагЫсуæд немæ царды æмдзу.Уæд не суыдзæн фæсивæд суинагКæйдæр бæсты искуы хæддзу.Нæ Иры хæстæфхæрд хъæбултæ,Сæрбахъуыды кодтат лæггад,Ут амонджын иууыл, мæ хуртæ,Æвидийгæ царды – уæ кад!1994Нæ буц фыдæл
Къоста, нæ хур, куыд æнкъард у дæ Фæндыр,Ысхъызы мыл дæ «Додой» -йæ тымыгъ.Рæнхъыты́хсæн куы фехъусын дæ хъæрзын,Ныммыр вæййы æрхæндæгæй мæ дзых!Ивгъуыдæн нæй бынтон рохгæнæн царды,Фæстæмæ кæсгæ, размæцыд дæр нæй!Уыдзæн ивгъуыд нæ хъуыдыты йæ уагыл,Уæт не ́ргом арæзт сомбонмæ рæвдзæй.Дæ адæмуарзон мах фæхæссæм дисæн,Дæ удау уарзтай адæмы бæргæ:Куы уыдаид дунейы мæтæн исæн,Æвæсмонæй йæ райстаис уæвгæ!Нæ буц фыдæл, бæргæ ма ды куы фенис,Ысты уæнгрог дæ фæдонтæ, куыстхъом.Æртхутæгæй дæр растдзыстæм, куыд феникс,Ысуыдзытæм дæ фæндиаг цæрдхъом!Ыскæндзыстæм мах рухс цинады зарæг,Цъæх арвы онг æй сисдзыстæм бæрзонд!Ивгъуыды мах ныууадздзыстæм нæ хъарæг,Тырндзыстæм райгæ фидæнмæ æмзонд!1995Хъæбатыр сылгоймаг
Битарон, Битарон,Æмбæхст æй цы дарон.Тыхст дуджы дæ митæнФæдæн æз æвдисæн.Сæрбахъуыды арт дæ.Дæ адæмыл радтæ.Фæлварæн куы ́рлæууыд,Æнцой дын уæд нал уыд.Фыд-заман дæ ́рхаста,Ызнаг нæ куы цагъта.Фæтыхстис уæд алчи, —Ныр ма ́ппæлæт мачи.Дæ хæдзар ныууагътй,Дæ уды зынг хъардтайНæ Ирæн нывондæн,Нæ кæстæрты Сомæн.Чысыл къуым æркуырдтай,Куыстуат æй ысхуыдтай.Æмбаргæ – дæ митæ, —Æмбæстæгтæм сидтæ:«Нæ кæстæртæ хæстыНыссæлдзысты́хсæвты.Хъæрмттæ сыл ыскæм,Хæлцæй сæм фæкæсæм!»Ды ардтай фæрæзтæ,Гъе, кодтай амæлттæ.Æнæ хæлц нæ уагътайНæ кæстæрты. Загътай:«Нæ зæххы кæд уарзæм,Уæд хъуамæ фæразæм.Мæнгард куы у не знаг,Фыдцъаммар та йе ́взаг!»Ды дард рæттæм хæстыÆскъæфтай нæ цæфты.Ды искæмæ,́ндæрмæНæ кастæ æнхъæлмæ.Ныхдур дын нæ лæууыд, —Куы нæ дæ æнæуд.Ды нал зыдтай «Нæйы!»Æристаис мæйы.Æххæссыдтæ дардылФыддугæн йæ карзы.Стæй ахуырмæ фондзæйФæкодтай нæ хорзтæй.Сæ фæстæ ызгъордтай,Бынæттæ сын домдтай.Куы сæххæст дæ бæллиц,Фæсабыр дæ фæдис.Рæвдыдтай сæ мадау,Фæтадтæ сыл царвау.Бæсты сын фæцуæт,Ныддаргъ уæт сæ цæуæт.Дæ хъуыдытæ – дардыл,Нæ кæстæрты фарныл.Цырагъау сыл судзыс,Хъазуатонæй кусыс.Æнтысæт дын бирæЛæггæттæ нæ Ирæн.Цыртдзæвæн дæхицæнНæ домыс æсхицæн.О, макуы суай ́нæбон,Цæхæрцæст Битарон.Иры дон дын тайæд,Дæ зæрдæ дзы райæд!1999Æмбаргæ чызг
Фæхæссай æмбаргæ чызг амонд,Зæрдæрайгæ размæ цæуай!Кæд гас дуне схæццæ ис абон,Уæддæр дзы зæнджынæй цæрай.Нæ адæмыл иууыл дæ катай,Нæ фæразыс йе ́фхæрд бынтон.О, алцæуыл афтæ тынг ма тай,Сылгоймаг куы нæ у æндон.Кæмдæриддæр ма уай, ИрыстонДæ хъуыдыйы ́дзухдæр дæуæн.Куы кодта мах не знаг гæныстон,Дæ цæссыгæн нал уыд фæуæн.Цы фыссыс, цы зарыс, æппæтдæр —Дæ райгуырæн бæстæн нывонд.Цыдис нæм кæд карз тох æнæ дæуУæддæр дын уыд алцы зындгонд.Куы кæныс Къуыдаргомыл кадæг,Дæ хъæлæсы хъуысы цæссыг.Мелоди æнкъард, цыма – хъарæг,Йæ мидисæй хæлы мæсыг!Дæ «Реквием» арауы зæрдæ,Хъайтартæн ыссардтай сæ ном.Æнкъард зæлтæй баризынц уæнгтæ…Ехх, чи ́вдисы цæссыг æргом.Ирыстоны хоныс – « Мæ уарзон»,Фæу мын йæ зæдтæй фæдзæхст!Лæггад ын кæныс ды цæстурзон,Дæ бæллицтæ ́рцæуæнт æххæст!1997Зымæгон ныв
Чындзау ныфсæрм и назбæласы хих,Ныллæг æртасыд митуæзæй, фæдих.Куы фестынц назы рухс цæссыгтæ их,Уæд сæ нымбæрзы урс пæлæзæй мигъ.Куы йæм ныккæсы дыккаг бон рæу хур, —Куы йыл æртыхсынц хара тынтæ – бур,Уæд нал аззайы митхъæпæнæй мур,Æваст уæд фесты дондыппыр зæхх сур!1998Митæй «хæст»
У ногуард мит фæлмæн, сæртæг.Йæ уæлæ сабитæ цæрдæгÆрцамайдзысты митæй лæг,Йæ фарсмæ ́рсадздзысты лæдзæг!Ысцырын миткъуыбæрттæй «хæст»,Сæ фезмæлдыл нæ хæцы цæст.Къуыбар кæйдæр фындзмæ æваст,Хæмыцы даргъ фатау фæраст.Ныккодта арвы онг цъæхахст,Фæкодта ́нæхъæн къуыри маст,Фæлæ нæ загъта мадæн раст, —Æмбæрста саби: уыд уый хъазт!1997Нанайæн
Нанайæн ног азмæ æрхастонЛæварæн иууылдæр фæндзтæ!Æз сæ мæ хорз ахуырæй райстон,Æххуысмæ алкуы дæр – цæттæ..Куыд байрайдзæн нана, уый зонын.Хъæбыс ныккæндзæн мæн фæлмæн.Мæн та йæ зæрватыкк ысхондзæн,Мæ цинæн нал уыдзæн фæуæн.Æруадздзæн хъарм къухтæ мæ рустыл,Рæвдаудзæн рухс цæстæнгас мæн.Йæ уаз, фæлмæн хъæлæс – мæ хъусты,Кæндзæни аргъæуттæ мæнæн.Мах иумæ сфæлындзæм нæ зазы, —Йæ быны ссарын æз лæвар.Цæгаттаг Митын лæг нæ хъазы, —Лæвæрттæ ́рхæссы уый дзæвгар.1998Уалдзыгон ныв
МитдонКуы ́рлæууы цадæг уалдзæг, —Ныззæлланг кæны æрдз.Зымæг – нæ урссæр уазæг,Рæвдз феппары йæ кæрц.Цæрдæг ызгъоры митдон,Дзæнгæрджытæ цæгъды:«Фæдис, фæдис! Ныр лидзон!»Æхситтгæнгæ тæхы.ДидинЦъæх-цъæхид гауыз зæххыл, —Æрхаста уалдзæг хуын!Фæзындис дидин рæгътыл,Рæвдауы цæст йæ уынд.Ныдздзагъыр и, ныджджих ис,Гуылфæг цардæй тæрсы.«Цы у нæ царды мидис?» —Цæстæнгасæй фæрсы.Æрдзы фидыц фæлгæсы…Йæ цардæй алыгъд бон!Зæрин хур æм ныккæсы,Узæлы йыл зæдон.Рæсугъддзинад æрдз тауы,Ныййазæлы йæ цин.Фæндтæ нæ дидин уафы,Йæ уаз уды нæй хин.МыдыбындзМæ цæсты раз мыдыбындзКæны æвзыгъд кæлæн.Фæллойгæнæг, æрдзы чындз, —Йæ куыстæн нæй фæуæн!ГæлæбуДзыгъуыр гæлæбу сæрра, —Йæ мæтæн нæй кæрон:Уысмæн гуырдæй куыд цæра,Куыд айваза йæ бон?ХъæдхойХъæдхойтæ тулдзы фадынц,Ерысæй ́хсиды куыст.Уæд булæмæргъы уадындзФæсуры уды рыст!Сæрдтон бонХæрздæфæй дуне байдзаг,Улæфын у æнцон.Зæлифтонг уалдзæг – райдзаст,У зæрдæйæн æхцон!1998Фæндагыл
«Сраст кæнут бандæттæ, бабæттут рæттæ!»Сарæзта хæдтæхæг зæхмæ йæ ных.Дардæй мæм нал зынынц райгуырæн хæхтæ…Йеныр мæн бахъæудзæн хорз митæн тых!«Стыр Хуыцау, ́сфæндæт дæ, срæвдз кæ нæ хъуыддаг!Фенæт нæ хæствæллад адæмы ́ддæ.Базонæт Белгийы адæм нæ мыггаг,Рттивæд нæ аивад!» – цагътон сæнттæ.1998Ныууагътой адæм цардагур сæ уæзæг, —
Фæйнæрдæм сæ ныппырх кодта хъысмæт.
Тæхуды, уæт дæ фæндиаг дæ фæззæг, —
Æнцойад – уды… Зымæг, уадз, хъызæт!
1999«Цыбыр у лæджы фæндаг царды…»
Цыбыр у лæджы фæндаг царды.Цæргæйæ фæкæнæм мах дугъ.Ыстæмты ном айзæлы дардыл, —Фыдыбæстыл чи тад æдзух.1999Уарди
(Арын дзы мæ мады рухс ном)
«Нæ сыхæгтæ æрхастой уарди!» —Ысдзырдтой иу сыхы æмткæй.Æцæг йæ уындæй зæрдæ ради, —Нæ хуыдтой дидин уый мæнгæй.Ивылд донау гуылф кодтой азтæ.Хуыцау ын радта хорз зæнæг, —Цыппар фырты! Æхсин уыд, уастæн!Æхцон сæ уынд, егъау – сæ мæт.Нымдæй йæ чысыл хуртыл тади,Сæ хурæй байдзаг ис йæ риу.Æнæфынæй сæ цуры бадтис,Кæд иу ысхъæрзыдта сæ иу.Нæ йæм уыд мисхал дæр гуырысхо,Сæ Сом кæй уыдзæнис рæсугъд….Фыдуац æрвнæрæгау Уырысæй:«Æрбырста знаг, кæны нæ хурх!»Йæ цардæмбал фæраст и хæстмæ, —Нæ дардта фидыцæн уый худ.Тырынæй дæр сæрхъызой бæстæн,Йæ адæмыл сыгъдис зынг уд…Æмæ сæртæг уæхскыл æруагътаХæстон дуг алы мæт, йæ уæз.Лæджы куыст райста, – къахта, сагъта,Цæмæй цæрдхъом лæууа йæ къæс.Йæ уаз уд катайы ныххауди,Æхсæв дæр нал кодта фынæй.Æмæ уæззау куыстæй ныруади…Цух кодтой сабитæ хæлцæй.Нæ уыд сæ фынæйыл хъæцынхъом!Æххуыс ын кодтой ныр цæрдæг.Дих кодтой мадимæ хæсты ́ргъом, —Лæджы бындзæфхæдтæ æцæг!2000Фæдис
Уæ хъысмæтыл абон нæ катай, —Кæй хъæуы фæдонтæ – рынчын?Куы сæфынц нæ цæсты раз радгай…Кæй фæнды æвæдæй мæлын?Фыдгул уыл нæ фæтых æхсарæй,Ныр сагъæссаг сомбон фæцис.Фыдбылыз, фыдмарг нæм ысарæх, —Куыд сабырæй бадæм… Фæ-ди-и-ис!Ирыстоны мæсыг æнустыНæ цудыдта знаджы цæфтæй,Ныр уайы йæ къæс-къæс мæ хъустыл, —Кæлдзæнис, кæлдзæнис зæфцæй!Ныййарæджы ́гомыг цъæхахстæйНæ хæхтæ нырризынц, хъæрзынц.Дзæнæттаг хъайтартæн зæхх аскъуыд,Уæ мæтæй дыккаг мард кæнынц:«Мах не ́взонгад раттам нывондæнНæ фидæны фарнæн рæдау.Нæ бæллиц нæ сæнтты нывгондæй,Нæ зæрдæты хастам цыртау.Кæд суаид нæ уæзæг сæрибар,Кæд рафтауит дидинæг Ир.Ныууадзиккой мах кæд нæхи бар,Нæ нысан кæд разынид ирд!Æгæрц æмæ гомæй, æххормаг,Нывондæн уын хастам нæ цард.Кæд бакуымдтай сайын, æмкоймаг,Зон, фехстай нæ бæллицы дард!»Нæ фыдæл Къоста нæ фæдзæхста, —Фыдæзнаг нæ былмæ тæрдзæн…Ныр, акæс, фыдгул уын æрхастаУæззау «хуын», кæны уæ цæгъдæн!Куы нал ыстæм скифтау милуантæ,Ызгъæлæм фæззæджы дыргъау.Аккаг, зæгъгæ, не стут алантæн, —Кæнынц нын лæджы цард æвгъау!Ыскæнæм нæ удтæй цæугæ уарт, —Нæ Сом-мæ фыдбылыз нымдзаст!Ыссудзæм ныхдуры цæхæр арт,Ныссур кæнæм ацы цъыфдзаст!2000Цы уыдзæн нæ фидæн?
Æндон цирхъау Иры зæрдæйы арæн!Куыд æрцыд уый, куыд баистæм фынæй?Куыд ис лæгæн йæхи удимæ уарæн?Цæмæн хæссæм уынаффæтæ цъындæй?Цæнгæткъух æмæ их зæрдæйæ дихгонд —Нæ зæхх. Хæссæм æгомыгæй нæ уаргъ.Цæмæн фестæм, цæ, арвы ́лгъыстæй хингонд?Куы нал кæнæм нæ сæртæн, гормон, аргъ.Дыууæ дзæкъулау иу хохыл зæбулæйНыммыр нæ дзыллæ, алы хъыг быхсы…Нæ фыдæлтæн нæ лæууыд хох цæлхдурæн,Куы-иу фæцыд фæдис: «Цæгат тыхсы!»Ныр мах нæ зæххыл «оммен» -ы бон нал ис, —Фæйнæрдыгæй нын амонынц цæрын.Мыййаг кæд Ир æваст мæрдвынæй бацис, —Нæ йæм хъуысы тызмæг хæхты хъæрзын.Æнус фæцис, нæ та разынд нæ «Фыййау»,Мах чи скæнид æмзонд æмæ æмвæнд.Фыдæлты фарныл чи схæцид уæлиау,Кæй зондæй ́рттивит мин азты нæ фæд!Дунескæнæг, о, ма нæ фесаф растæй!Кæндзыстæм дын нæ рыст удтæй лæггад.Фыдбылызæй нæ бахъаггæн, фыдмастæй,Нæ зæххыл байтау фарн æмæ бæркад!2000Лигъдæттæ
О, лигъдæттæ, лигъдæттæ, лигъдæттæ…Бындзытау æмызмæлд кæнынц!Фæцыдысты митрæгътыл, ихдæтты,Сæ хъысмæт æмырæй хæссынц.Ыскæнæг уæ хъаггæнæг, лигъдæттæ,Ыстæмтæ æмбарынц уæ рыст.Уас атона знагæн йæ ихзæрдæ…Цæй тыххæй æййафут ысхуыст?Цæрæн бынат фесæфтой лигъдæттæ…«Æрцæуæг» -æй уыдон тыдтой.Сæхи ма æппæрстой нæ дих бæстæм, —Цæгаты ныфсы рухс уыдтой.Хæзнатæ – æвзаг æмæ не ́гъдæуттæИрвæзтысты къухæй бынтон!Æлгъывтой фыдæлты ́взаг не знæгтæ,Сæхион сын хъардтой бæстон.Гей, джиди! Фыдгултæ ма зониккой, —Æмзонд ыстæм, иу у нæ Ир.Нæ бæстæм кæсын дæр нæ уæндиккой,Нæ куыст махæн уаид хайыр!Нæ адæм, Цæгат æмæ Хуссары,Фæдарæм кæрæдзимæ къух.Æртымбыл уæм урс хæхты уаз раны,Уым ссудзæм нæ фидæны рухс!2000Катай
Нæ дæн уынæг æз афæдзгай цæгаты, —Мæ зæрдæйæн йæ удæнцой йæ ныфс.Куы иу фестин æнæтухи Цæгаты…Хъæуы лæджы æнæбасæтгæ уысм!Ныццæнд вæййынц хæдтулгæтæ фæд-фæдылИрыстонæн йæ тызмæг тары раст.Зынджы зæйтæ ивылынц ам дæ сæнттыл…Куыд уыдзыстæм? Кæдмæ быхсдзыстæм маст?2000Абайты Васойы 100 азмæ
Нæ Иры Хур Дæу буц номæй куы схонынц,Дæ дисæн уæд куы нал вæййы кæрон:«Хур иу вæййы, – уый адæм тынг хорз зонынц, —Къоста хуыйны нæ Иры хуры ном!»Дунейы сæрмæ зонады цъæх арвылИрон Ыстъалы калы ирд цæхæр.Нæ буц æвзагæн чи схæцыд йæ кадыл,Мах уый номæй бæрзонд хæссæм нæ сæр!Ирон дзыллæ – Дæ уды фарнæй хайджын.Кæндзæн Дæ фæд тьымы-тьыматы рухс.Дæ тырысайы ́взыгъд фæсивæд барджын,Бæрзонд хæсдзæни зонады æдзух.Цы у æнус дæр? Афардæг и уайтагъд.Æцæг лæгæн у ахсджиаг йæ фæд…Дæ мæсыг – амад, фæндтæ —́ххæст, сты райдзаст!«Дæ цыртмæ фæндаг не ́суыдзæн кæрдæг!»2000Гуырæнбоны цытæн
Ис абон Нафийæн гуырæнбон.Ирыстон ын арфæ кæны.Хæлар ын чындæуы цæрæнбон.Йæ адæм ын бузныг зæгъы.Фæнды нæ æнæниз уай, хъæлдзæг,Хуыздæр дуджы райгæ цæрай.Дзаджджын уа, фæлмæн уа Дæ фæззæг,Фыдыбæсты амонд уынай.Ирыстоны иузæрдыг хъæбул,Уæзданæй, сабырæй цæрыс.Тыхст дуджы нæ мæсыг куы фæкъул, —Ныфсы цæджындз уымæн лæууысЦæсгомæздæхт адæммæ ́дзухдæр,Йæ тыхст у Дæ зæрдæйы рыст.Нæ йæ уарзыс искæмæй цъусдæр,Нæ фæразыс уымæй ысхуыст.Æнцон фæндаг царды нæ зыдтай,Нæ Ирыл цырагъау сыгътæ.Дæ адæмыл дардæй нæ фыстай, —Фыдызæххæй истай тыхтæ.Дæ фæндиаг Ирæн йæ фидæн,Нæ кæстæртæй райæт Дæ уд.Нæ уæзæг цы нæ уал уа хицæн,Конец ознакомительного фрагмента.
Текст предоставлен ООО «Литрес».
Прочитайте эту книгу целиком, купив полную легальную версию на Литрес.
Безопасно оплатить книгу можно банковской картой Visa, MasterCard, Maestro, со счета мобильного телефона, с платежного терминала, в салоне МТС или Связной, через PayPal, WebMoney, Яндекс.Деньги, QIWI Кошелек, бонусными картами или другим удобным Вам способом.